Иудейтӕ та уыйбӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой, дзырдтой Павелы ныхӕсты ныхмӕ ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой.
Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм.