Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой дзурын ӕндӕр ӕвзӕгтыл, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ. Ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уд ис ӕви нӕ, уый тыххӕй мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам». Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уыл цавӕр аргъуыдӕй саргъуыдӕуыд?» Уыдон дзуапп радтой: «Иоанны аргъуыдӕй». Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, тӕригъӕдтыл фӕсмон чи кодта, уыдоныл; дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома, Йесойыл». Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Хицау Йесойы номыл. Павел сыл йӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдта, уӕд схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын. Кӕддӕриддӕр ут ӕнувыд, цӕхӕр калӕнт уӕ зӕрдӕтӕ, кусут Хуыцауӕн. Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Ды нӕдӕр уазал дӕ, нӕдӕр тӕвд. О, фӕлтау уазал кӕнӕ тӕвд куы уаис!
Выбор основного перевода