Уыдонӕй иу, йӕ ном – Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн тынг стонг рӕстӕг. Ӕмӕ йӕ пехуымпар ныхас ӕрцыди кесӕр Клавдийы заманы.
Саламтӕ раттут Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн – Йесо Чырыстийы кадӕн ме 'мкусджытӕн.
Салам уын дӕттынц Асийы аргъуантӕ; зӕрдиаг чырыстон салам уын дӕттынц Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ, стӕй сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уый дӕр.
Саламтӕ ратт Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры хӕдзаронтӕн.