Павелимӕ чи рацыд, уыдон ӕй бахӕццӕ кодтой Афинтӕм, ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхтысты. Силӕ ӕмӕ Тимофейы тыххӕй сын Павел бафӕдзӕхста, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй мӕм ӕвӕстиатӕй рацӕуӕнт, зӕгъгӕ.
Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы – Хуыцау кӕй ӕрхуыдта ӕмӕ Йесо Чырыстийы руаджы кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдонмӕ; стӕй алы ран дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы, нӕ иумӕйаг Хицауы, ном чи ары, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр.