Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕн дӕр радта фӕсмон мыггагмӕ цӕрынӕн». Иерусалиммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты аргъуан, апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй. Уӕд сеппӕт дӕр ныхъхъус сты, ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕм цы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нын Хицау афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕн рухсӕн, цӕмӕй ӕгас дуне фервӕза Дӕ фӕрцы"». Уыцы ныхӕстӕ муртаттӕн ӕрхастой цин, кад кодтой Хицауы ныхасӕн, ӕмӕ Хуыцау мыггагмӕйы цардӕн кӕй сӕвзӕрста, уыдон иууылдӕр баууӕндыдысты. Павел сын салам радта ӕмӕ бӕлвырд радзырдта, йӕ куысты руаджы Хуыцау муртатты ӕхсӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын ис парахатӕй ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат. Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Хицауӕй дуар гом уыди, Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн.
Выбор основного перевода