Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куы нӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл фӕсмон.
Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртатты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цас фӕцардыстут, уый – уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцты, фыднозты ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.