Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз, ӕмӕ денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ; ӕвдӕм бон та Йӕ фӕллад уагъта. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау арфӕ бафтыдта сабатыл ӕмӕ йӕ скодта бӕрӕг бон. Петр ыл схӕцыд ӕмӕ загъта: «Сыст, ӕз дӕр ӕрмӕст адӕймаг дӕн». Илиа мах хуызӕн адӕймаг уыди. Фӕлӕ уарын цӕмӕй ма уа, уый тыххӕй зӕрдиагӕй ракуырдта Хуыцауӕй, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не 'рхауд. Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй. Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ суадӕттӕ Сфӕлдисӕгмӕ».
Выбор основного перевода