Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы ныхас амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейтӕн. Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, кириниаг Луций, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл. Уыдон иухатт Хуыцаумӕ куы куывтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕйы ӕмӕ Савлы». Ком бадарыны ӕмӕ фӕкувыны фӕстӕ Варнавӕйыл ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой. Павел та ӕмбӕлццонӕн сӕвзӕрста Силӕйы, ӕфсымӕртӕ йӕ бафӕдзӕхстой Хицауы хорзӕхыл, ӕмӕ араст.
Выбор основного перевода