Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цардмӕ цы дуар ӕмӕ фӕндаг кӕнынц, уыдон та уынгӕг ӕмӕ нарӕг сты, ӕмӕ сӕ чи ссары, уыдон бирӕ не сты. Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, Мемӕ куыд уат ӕмӕ фарнӕй куыд схайджын уат. Дунейы ӕвзардзыстут хъизӕмӕрттӕ, фӕлӕ фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл». Куы ӕрцыд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Хицауыл уой зӕрдиаг ӕмӕ ӕнувыд. Ӕмбырд куы рахӕлиу, уӕд дзӕвгар иудейтӕ, муртаттӕй иудейаг диныл чи ныххӕцыд, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ, ацыдысты Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл. Павел ӕмӕ Варнавӕ ныхас кодтой семӕ ӕмӕ сӕм хатыдысты Хуыцауы хорзӕхыл фидар хӕцыны тыххӕй. Иудӕ ӕмӕ Силӕ сӕхӕдӕг пехуымпартӕ уыдысты, бирӕ фӕныхас кодтой ӕфсымӕртимӕ, бауагътой сӕ ныфс ӕмӕ сын бафтыдтой сӕ уырнындзинадыл. Уым иуцасдӕр куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ цыди Галатийы бӕстӕйыл ӕмӕ Фригийыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад. Цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут – Ӕниу, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иумӕ уӕвын кӕй фӕнды, уыдон сеппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд.
Выбор основного перевода