32
Лӕппу ме 'вджид кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йыл кӕй ницы ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй ӕз, дӕ цагъар, мӕ фыдӕн дзырд радтон: „Куы нӕ дӕм ӕй ӕркӕнон, мӕ фыд, уӕд дӕ разы азымджын уыдзынӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ“.
Лӕппуйы ме 'вджид бакӕн, мӕнӕй йӕ ӕрцагурдзынӕ. Ӕз дӕм ӕй куы нӕ ӕрбакӕнон, ӕмӕ йӕ ам дӕ цӕстӕй куы нал фенай, уӕд цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ дӕ разы уыдзынӕн азымджын.