Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иаков ӕй базыдта ӕмӕ загъта: «Уый мӕ фырты хӕдон у! Хъӕддаг сырд ӕй бахордта! Иосифы сырд кӕй бахордта, уый гуырысхойаг нӕу!» Уыдон дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕры уыдыстӕм. Ханааны зӕххӕй стӕм, иу лӕджы фырттӕ. Не 'фсымӕртӕй иу нал и, кӕстӕр та ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис». Фӕлӕ Иаков дзуапп радта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн; йе 'фсымӕры мӕлӕты фӕстӕ иунӕгӕй баззади. Исты йыл куы ӕрцӕуа фӕндагыл, уӕд мӕ зӕрондӕй утӕхсӕнгӕнгӕ ингӕнмӕ барвитдзыстут». Иуда йӕ фыдӕн, Израилӕн, загъта: «Рауадз лӕппуйы мемӕ; мах ӕвӕстиатӕй ацӕудзыстӕм, цӕмӕй аирвӕзӕм ӕмӕ ма амӕлӕм мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ дӕр. Ныр дӕ цагъармӕ, нӕ фыдмӕ, куы ӕрыздӕхон, ӕмӕ йӕ удыйас кӕй уарзы, уыцы лӕппу немӕ куы нӕ уа,
Выбор основного перевода