Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Быдыры бастам куыристӕ; ӕваст мӕ куырис рабадт ӕмӕ уырдыг слӕууыд, уӕ куыристӕ та ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой». Йе 'фсымӕртӕ йын загътой: «Ау, ды махӕн паддзах уыдзынӕ? Мах дӕ дӕлбар уыдзыстӕм?» Ӕмӕ сын ноджы фӕуӕнгӕлдӕр йӕ фыны ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй. Ӕз дӕ ӕвӕрын мӕ хӕдзары сӕргъы, дӕ ныхасмӕ хъусдзысты мӕ адӕм ӕгасӕй дӕр. Ӕз паддзахы къӕлӕтджыны кӕй бадын, ӕрмӕст уымӕй уыдзынӕн дӕуӕй уӕлдӕр». Фараон Иосифӕн загъта: «Мӕнӕ дӕ ӕз ӕвӕрын ӕппӕт мысыраг бӕстӕйы сӕргъы». Фараон йе 'нгуылдзӕй рафтыдта йӕ къухдарӕн, бакодта йӕ Иосифы ӕнгуылдзыл, сфӕлыста йӕ зынаргъ хъуымацӕй хуыд дарӕсӕй, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс. Фараон радта бардзырд, цӕмӕй Иосифы ласой паддзахады дыккаг хӕстон бӕхуӕрдоныл, адӕм цӕуой йӕ разӕй ӕмӕ хъӕр кӕной: «Ӕрхаут уӕ зонгуытыл!» Ӕмӕ фараон Иосифы сӕвӕрдта ӕппӕт мысыраг зӕххы сӕргъы. Фараон загъта Иосифӕн: «Ӕз фараон дӕн, фӕлӕ ӕппӕт мысыраг зӕххыл де 'вастӕй йӕ къух кӕнӕ йӕ къах дӕр ничи атилдзӕни».
Выбор основного перевода