Ӕмӕ Рахил йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы Иаковӕн радта усӕн; Иаков бацард йемӕ.
Мӕнӕугӕрдӕнты Рувим ацыди быдырмӕ, ссардта дзы мандрагортӕ ӕмӕ сӕ ӕрбахаста йӕ мад Лиайӕн. Рахил Лиайӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, ӕрима мын, дӕ фырт цы мандрагортӕ ӕрбахаста, уыдонӕй».
Исав загъта Иаковӕн: «Раттма мын рӕвдздӕр уыцы сырхсырхидӕй бахӕрынмӕ; тынг сӕххормаг дӕн». (Дыккаг ном дӕр ын – Едом уый тыххӕй радтой.)