Йӕ хицау федта, Хуыцау кӕй ис Иосифимӕ – цавӕрфӕнды хъуыддагмӕ ма бавнала, Хуыцау ын дӕтты ӕнтыст.
Йӕ хӕдзар ӕмӕ йын йӕ мулк ӕгасӕй дӕр йӕ бӕрны куы бакодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иосифы сӕраппонд Хуыцау арфӕ бафтыдта, мысыраджы хӕдзары ӕмӕ йӕ быдырты цы уыдис, ууыл.