Уыцы хабар ӕрцыд, Аврам Ханааны дӕс азы куы фӕцард, уӕд: Аврамы ус Сарӕ йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы, мысыраг Агары, йӕ мой Аврамӕн радта усӕн.
Аврам ӕриу Агаримӕ ӕмӕ сылгоймаг басывӕрджын. Кӕй басывӕрджын, Агар уый куы базыдта, уӕд йӕ ӕхсинмӕ былысчъилӕй кӕсын райдыдта.