Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыдӕй байста фос ӕмӕ сӕ радта мӕнӕн.
Фосӕн се схъазыны рӕстӕг иухатт федтон фын: кӕсын ӕмӕ, фосыл чи схизы, уыцы цӕутӕ сты гӕрӕмтӕ, хъулӕттӕ ӕмӕ тӕппытӕ.
Хуыцауы зӕд мын фыны загъта: „Иаков“. Ӕз дзуапп радтон: „Мӕнӕ дӕн“.
Зӕд загъта: „Акӕс ӕмӕ фен: фосыл чи схизы, уыцы цӕутӕ иууылдӕр сты гӕрӕмтӕ, хъулӕттӕ ӕмӕ тӕппытӕ, уымӕн ӕмӕ дын Лаван цытӕ кӕны, уый Ӕз федтон.