Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы зӕххыл ӕрцӕр рӕстӕгмӕ. Ӕз уыдзынӕн демӕ, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн. Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый: ӕппӕт ацы зӕххытӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн. Уыцы ӕхсӕв ӕм фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн; ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн. Бафтаудзынӕн дыл Мӕ арфӕ, ӕмӕ дын Мӕ цагъар Авраамы сӕраппонд ратдзынӕн бирӕ байзӕддӕгтӕ». Хуыцау загъта Иаковӕн: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ ӕмӕ хиуӕттӕм. Ӕз демӕ уыдзынӕн». Иаков ӕмӕ йеппӕт адӕм ӕрцыдысты, ханаанаг зӕххыл цы Луз (Вефил) ис, уырдӕм. Уый фӕстӕ Израил Иосифӕн загъта: «Ныр ӕз мӕлын, фӕлӕ Хуыцау уыдзӕнис уемӕ ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ рахондзӕн уӕ фыдӕлты зӕхмӕ.
Выбор основного перевода