Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ мын расомы кӕн Дунедарӕгӕй, уӕлӕрвты Хуыцауӕй ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ӕз кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй мӕ фыртӕн ус кӕй нӕ ракурдзынӕ, уый тыххӕй. Фӕлӕ кӕй ацӕудзынӕ мӕ райгуырӕн зӕхмӕ, мӕ хиуӕттӕм, ӕмӕ уырдыгӕй кӕй ӕркӕндзынӕ ус мӕ фырт Исаакӕн». Цагъар ӕй бафарста: «Чи зоны, уыцы чызджы ацы зӕхмӕ мемӕ цӕуын нӕ бафӕнда; уӕд ды цы зӕххӕй рацыдтӕ, дӕ фырты дын фӕстӕмӕ уырдӕм хъуамӕ фӕкӕнон?» Авраам дзуапп радта: «Нӕ, мӕ фырты фӕстӕмӕ уырдӕм мацыхуызы акӕн.
Выбор основного перевода