Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Уыцы ӕхсӕв ӕм фӕзынди Хуыцау ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн; ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн. Бафтаудзынӕн дыл Мӕ арфӕ, ӕмӕ дын Мӕ цагъар Авраамы сӕраппонд ратдзынӕн бирӕ байзӕддӕгтӕ». Хуыцау загъта Иаковӕн: «Марадз, ссу Вефилмӕ ӕмӕ дзы ӕрцӕр. Сараз дзы нывондхӕссӕн, де 'фсымӕр Исавӕй куы фӕлыгътӕ, уӕд дӕм Чи фӕзынд, уыцы Хуыцауӕн». Авраам ӕмӕ Исаакӕн цы зӕхх радтон, уый дӕуӕн дӕттын, дӕ фӕстӕ та – дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Иосифӕн загъта: «Лузы, Ханааны зӕххыл, мӕнмӕ фӕзынди Ӕппӕтхъомыс Хуыцау, арфӕ мыл бафтыдта,
Выбор основного перевода