Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Лот куы ахицӕн, уӕд Аврамӕн Хуыцау загъта: «Дӕ цӕстытыл схӕц, ӕмӕ цы ран лӕууыс, уырдыгӕй акӕс цӕгатмӕ, хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ ныгуылӕнмӕ. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ байзӕддаг, зӕххыл змис куыд бирӕ ис, афтӕ. Кӕд искӕмӕн йӕ бон зӕххыл змисы муртӕ банымайын у, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыдзӕни банымайӕн. Авраамӕй ӕнӕмӕнг рацӕудзӕни разагъды ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ йӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Уый тыххӕй Ӕз дӕуыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ бирӕ арфӕтӕ, уӕларвон стъалытау ӕмӕ денджызы былыл змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты; се знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты. Ды Мӕнӕн коммӕгӕс кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Уӕларвон стъалытӕ куыд сты, афтӕ бирӕ дын скӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ ацы зӕххытӕ ӕгасӕй дӕр ратдзынӕн уыдонӕн. Дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ.
Выбор основного перевода