Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕмӕ, Иаков йе 'фсымӕр Исавмӕ йӕ разӕй арвыста фидиуджытӕ, Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ме 'лдар Исавӕн зӕгъут афтӕ: „Дӕ цагъар Иаков зӕгъы: ‘Ӕз нырмӕ фӕцардтӕн Лаванмӕ. Ис мӕм галтӕ, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Ацы хабар ӕз ӕрвитын дӕумӕ, ме 'лдармӕ, цӕмӕй суон дӕ аудыны аккаг’“». Фидиуджытӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Иаковӕн загътой: «Мах уыдыстӕм де 'фсымӕр Исавмӕ. Ныр йӕхӕдӕг рацӕуы дӕ размӕ цыппарсӕдӕ адӕймагимӕ». Иаков тынг старст ӕмӕ фӕджихау. Йемӕ чи уыдис, уыцы адӕмы, стӕй фысвос, стурты ӕмӕ теуаты фӕкодта дыууӕ дихы. Иаков йӕхицӕн загъта: «Исав иу хаймӕ куы 'рбабырса ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕд иннӕ хай аирвӕздзӕн». Иаков загъта: «О Хуыцау, мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау, мӕнӕн афтӕ зӕгъӕг Хуыцау: „Аздӕх дӕ зӕхмӕ, дӕ хӕстӕджытӕм, ӕмӕ дын Ӕз уыдзынӕн хӕрзгӕнӕг“, Ды мӕныл, Дӕ цагъарыл, дӕ хорзӕх кӕй ӕруагътай ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Ӕз Иорданы цӕугӕдоныл айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн, ныр та дыууӕ асадӕны хицау дӕн. Бахиз мӕ ме 'фсымӕрӕй, Исавы къухӕй. Ӕз дзы тӕрсын: куы 'рцӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мадӕлты дӕр сӕ сывӕллӕттимӕ.
Выбор основного перевода