Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ загъта: «Ханаан ӕлгъыст у; йе 'фсымӕртӕн уыдзӕни тӕккӕ ӕгаддӕр цагъар». Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Хуыцау ын загъта: «Дыууӕ адӕмыхатты ис дӕ гуыбыны, дӕуӕй рацӕудзысты дыууӕ адӕмы ӕмӕ ахицӕн уыдзысты кӕрӕдзийӕ; иу адӕм иннӕ адӕмӕй уыдзысты тыхджындӕр, ӕмӕ хистӕр кӕстӕрӕн уыдзӕни цагъар». Иуда, дӕуӕн скад кӕндзысты де 'фсымӕртӕ. Дӕ къух – де знӕгты бӕрзӕйыл; ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ.
Выбор основного перевода