Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сфыц мын мӕ уарзон хӕринаг, ӕрбахӕсс мын дзы бахӕрынмӕ, ӕмӕ цалынмӕ нӕ амардтӕн, уӕдмӕ дыл мӕ арфӕ бафтауон». Ды йӕ бахӕсдзынӕ дӕ фыдӕн, цӕмӕй бахӕра ӕмӕ дыл йӕ мӕлӕты размӕ бафтауа йӕ арфӕ». Иаков йӕ фыдӕн загъта: «Исав дӕн, дӕ хистӕр фырт. Ӕз сарӕзтон, ды цы загътай, уый. Рабадма ӕмӕ бахӕр, дӕ фырт кӕй самал кодта, уыцы хъӕддаг сырды фыдӕй, ӕмӕ мыл дӕ арфӕ бафтау». Исав дӕр сфыхта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдӕн ӕй бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ бахӕр, дӕ фырт кӕй самал кодта, уыцы хъӕддаг сырды фыдӕй, ӕмӕ мыл дӕ арфӕ бафтау».
Выбор основного перевода