Ӕппӕтхъомыс Хуыцау та дыл Йӕ арфӕ бафтаудзӕни, ратдзӕни дын бирӕ цот ӕмӕ дын сбирӕ кӕндзӕни дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни бирӕ адӕмтӕ.
Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уыцы арфӕ ӕрцӕуӕд дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл дӕр, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн кӕй радта ӕмӕ ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх бауа дӕу».
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау искӕй куы сӕвзары ӕмӕ йӕ куы схорзӕхджын кӕны, уӕд йӕ уынаффӕ нӕ ивы.