Уый дзуапп радта: «Дӕ хъӕлӕс Дын фехъуыстон дыргъдоны, ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ фӕтарстӕн ӕмӕ бамбӕхстӕн».
Хуыцау ын загъта: «Чи дын загъта, ӕмӕ бӕгънӕг дӕ? Ӕз дын хӕрыны бар цы бӕласы дыргътӕй нӕ лӕвӕрдтон, уый дыргътӕй нӕ фӕхъӕстӕ дӕ, мыййаг?»