19
Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сфӕлдыста ӕппӕт быдираг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕ, ӕмӕ сӕ ӕрбакодта адӕймагмӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕн, уый фенынмӕ, цӕмӕй алы цӕрӕгойӕн дӕр йӕ ном уа, адӕймаг ӕй куыд схона, афтӕ.
Хуыцау загъта: «Дон ӕмызмӕлд кӕнӕд алыхуызон хилджытӕй, мӕргътӕ атӕхӕнт зӕххы сӕрмӕ, уӕлӕрвты».
Хуыцау загъта: «Зӕхх рауадзӕд цӕрӕгойтӕ – фосы, хилджыты, сырдты алы мыггӕгтӕ». Ӕмӕ сси афтӕ.