Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Аврам ӕрцарди Ханааны зӕххыл; Лот та ӕрцарди дӕлвӕзы сахарты ӕхсӕн, йӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдта Содоммӕ хӕстӕг. Уый йын дзуапп радта: «Махӕн дӕ ӕлдарӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ӕви мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс?» Моисей старст ӕмӕ хинымӕр загъта: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй мӕ хъуыддаг нӕ басусӕг». Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Хорз лӕгтӕ, ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?" Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Махӕн дӕ хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Знон мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс, ӕви?" Хӕлд адӕмы ӕлгъаг цардӕй чи сфӕлмӕцыд, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты та фервӕзын кодта – Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстгӕнӕг царди се 'хсӕн, ӕмӕ алы бон дӕр йӕ зӕрдӕ рысти, се 'нӕуаг хъуыддӕгтӕ сын кӕй уыдта ӕмӕ хъуыста, уымӕй, –
Выбор основного перевода