Уый дзуапп радта: „Зӕгъын уын, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, цы йӕм ис, уый дӕр.
Уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.
Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй исты рахӕссынмӕ.
Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ.