Уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау ныууагъта сӕ зӕрдӕты чъизи мондӕгты ӕвджид, ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕлгъаг кӕнынц сӕ буар.
Афтӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр ныууагътой сылгоймӕгтимӕ цӕрыны ӕрдзон ӕгъдау ӕмӕ мондаг кӕнынц кӕрӕдзимӕ. Нӕлгоймӕгтӕ фӕцалх сты ӕлгъаг митыл нӕлгоймӕгтимӕ, ӕмӕ кӕй фехӕлдысты, уымӕй сӕхи ӕртардтой аккаг ӕфхӕрдмӕ.
Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылайы сахартӕ хӕтыдысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый алкӕмӕн дӕр у зондыхос.