Хуыцау та Аврааммӕ фӕзынди Мамрейы тулдзбӕлӕсты цур, Авраам боны ӕнтӕфы цатырмӕ бахизӕны куы бадтис, уӕд.
Авраам акаст ӕмӕ уыны: ӕртӕ лӕджы лӕууынц йӕ акомкоммӕ. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ цатырмӕ бахизӕнӕй азгъордта сӕ размӕ, зӕххы онг сын акуывта,
Лӕгтӕ араст сты уырдыгӕй ӕмӕ ацыдысты Содоммӕ; Авраам ма уӕддӕр лӕууыди Хуыцауы раз.