Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сахар фӕсте куы аззад, уӕд лӕгтӕй иу загъта: «Дӕхи бахиз; фӕстӕмӕ ма акӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу. Лидзгӕ кӕн хохмӕ, науӕд фесӕфдзынӕ». Дӕ цагъар Дӕ цӕсты сси аудыны аккаг; кӕй мӕ фервӕзын кодтай, дӕ уыцы хорзӕх егъау у. Фӕлӕ хохмӕ нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн: бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл ӕмӕ фесӕфдзынӕн. Уӕд Иуда загъта Онанӕн: «Ӕриу у де 'фсымӕры усимӕ; йӕ тиу дӕ, ӕмӕ де 'фсымӕрӕн рауадз байзӕддаг». Фӕлӕ Онан зыдта, сывӕллӕттӕ йӕхи кӕй нӕ уыдзысты, уый. Уымӕ гӕсгӕ йе 'фсымӕры усимӕ ӕриуы размӕиу йӕ мыггаг акалдта зӕхмӕ, йӕ ӕфсымӕрӕн байзӕддаг куыд нӕ рауадза, афтӕ.
Выбор основного перевода