Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Лот загъта: «Мӕ зынаргъ уазджытӕ, табуафси, рацӕут уӕ цагъары хӕдзармӕ; цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ, бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсомӕй та раджы сыстдзыстут ӕмӕ ацӕудзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, мах уынджы ӕхсӕвиуат кӕндзыстӕм». Хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг ӕфсымӕрты ӕрбакодта Иосифы хӕдзармӕ, радта сын дон ӕмӕ цӕхсадтой сӕ къӕхтӕ; сӕ хӕрджытӕн дӕр сын нывӕрдта холлаг. Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ раттай. Уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕнхъӕвзта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ ныссӕрфта йӕ дзыккутӕй. Уӕдӕ уын кӕд Ӕз, Хицау ӕмӕ Ахуыргӕнӕг, уӕ къӕхтӕ цӕхсадтон, уӕд сымах дӕр хъуамӕ ӕхсат уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ. Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты – алы хорз хъуыддагмӕ дӕр ӕмхиц.
Выбор основного перевода