Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта. Саррӕ уыди ӕнӕзӕнӕг, стӕй сывӕллон ныййарыны кары дӕр нал уыди, уӕддӕр ӕм уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы йӕ бон баци ӕмӕ басывӕрджын. Уымӕн ӕмӕ зыдта: зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу лӕгӕй, уымӕй дӕр кӕй буар ныххӕррӕгъ, ахӕмӕй, рацыд, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ ис ӕмӕ денджызы былыл змис куыд ӕнӕнымӕц у, афтӕ бирӕ адӕм.
Выбор основного перевода