Аврам систа йӕ цатыртӕ, ацыд ӕмӕ ӕрцарди Хевроны, Мамрейы тулдзбӕлӕстӕм хӕстӕг; уым Хуыцауӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
Чи аирвӕзт, уыдонӕй иу ӕрцыд ӕмӕ хабар радзырдта дзуттаг Аврамӕн. Аврам царди аморрейаг Мамрейы – Эшкол ӕмӕ Анеры ӕфсымӕры тулдзбӕлӕстӕм хӕстӕг. Ӕфсымӕртӕ уыдысты Аврамы цӕдисонтӕ.