Ӕмӕ Хуыцау ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ.
Ӕз ӕрхызтӕн мысырӕгты къухӕй сӕ байсынмӕ; Ӕз сӕ уыцы бӕстӕйӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы бӕркадджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ.