Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
Аврам уырдыгӕй араст, Вефилӕй скӕсӕнырдыгӕй цы хох ис, уырдӕм; уым йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта афтӕ, ӕмӕ Вефил уыди ныгуылӕны, Гай та – скӕсӕны. Аврам уым Хуыцауӕн сарӕзта нывондхӕссӕн, ӕмӕ ссардта Хуыцауы ном.