Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцауы зӕд ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дын ратдзынӕн афтӕ бирӕ байзӕддаг, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн». Уый тыххӕй Ӕз дӕуыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ бирӕ арфӕтӕ, уӕларвон стъалытау ӕмӕ денджызы былыл змисау сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты; се знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты. Дӕ байзӕддӕгтӕ зӕххон змисау уыдзысты бирӕ; ахӕлиу уыдзысты ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕнмӕ, цӕгат ӕмӕ хуссармӕ. Дӕ фӕрцы ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу лӕгӕй, уымӕй дӕр кӕй буар ныххӕррӕгъ, ахӕмӕй, рацыд, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ ис ӕмӕ денджызы былыл змис куыд ӕнӕнымӕц у, афтӕ бирӕ адӕм.
Выбор основного перевода