Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, ныссагъта дыргъдон, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы. Сахар фӕсте куы аззад, уӕд лӕгтӕй иу загъта: «Дӕхи бахиз; фӕстӕмӕ ма акӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу. Лидзгӕ кӕн хохмӕ, науӕд фесӕфдзынӕ». Фӕлӕ сын Лот загъта: «Нӕ, мӕ Паддзах! Дӕ цагъар Дӕ цӕсты сси аудыны аккаг; кӕй мӕ фервӕзын кодтай, дӕ уыцы хорзӕх егъау у. Фӕлӕ хохмӕ нӕ бахӕццӕ уыдзынӕн: бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл ӕмӕ фесӕфдзынӕн. Дӕлӕ уыцы сахар дард нӕу, бахӕццӕ йӕм уыдзынӕн, стӕй гыццыл сахар у. Раттут мын уырдӕм алидзыны бар, бынтон гыццыл сахар у – уым баззайдзынӕн удӕгасӕй». Уый йын загъта: «Хорз, дӕу афтӕ фӕнды, ӕмӕ дын уый дӕр сараздзынӕн: ды цы сахарӕй зӕгъыс, уый нӕ фесафдзынӕн. Рӕвдздӕр згъоргӕ уырдӕм; уымӕн ӕмӕ ды цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ Мӕ бон ницы бакӕнын у». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Сигор. Хуры скастмӕ Лот бахӕццӕ Сигормӕ. Ӕмӕ Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй, къӕвдайау, ӕркалдта судзгӕ сондон. Хуыцау фесӕфта уыцы сахартӕ, ӕппӕт дӕлвӕз, сахарты ӕппӕт цӕрджыты ӕмӕ, уыцы зӕххыл цы зайӕгойтӕ уыди, уыдон иууылдӕр. Фӕлӕ Лоты ус акасти фӕстӕмӕ ӕмӕ фестади цӕхдур. Авраам сыстади сӕумӕйӕ ӕмӕ ацыди, Хуыцауы цур раздӕр кӕм лӕууыд, уыцы ранмӕ. Уырдыгӕй йӕ цӕст ахаста Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, ӕппӕт дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: пецӕй цӕуӕгау сау фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ зӕххӕй цӕуынц хӕрдмӕ. Хуыцау уыцы дӕлвӕзы сахартыл Йӕ азар куы рауагъта, уӕд Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Авраам. Ӕмӕ Лот кӕм цардис, уыцы сахартӕ куы сӕфта, уӕд ӕй рарвыста, мӕлӕт кӕдӕм ӕрцыд, уырдыгӕй. Сӕ ныхмӕ рацыдысты Содомы паддзах, Гоморрӕйы паддзах, Адмӕйы паддзах, Севоимы паддзах, Белайы, ома, Сигоры паддзах; баиу сты Сиддимы дӕлвӕзы ӕмӕ схӕцыдысты
Выбор основного перевода