Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Петра
1 2 3
Параллельные места
(Уыди дзы сӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Уд развӕлгъау Сыгъдӕг Фысты Давиды дзыхӕй Иудӕйы тыххӕй цы загъта, уый – Иудӕ сси, Йесойы чи ӕрцахста, уыдоны ӕрбакӕнӕг, Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардгондӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн, Хуыцауы адӕймаг алы хуызы ифтонг ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ куыд уа, афтӕ. Уыцы ирвӕзындзинад иртӕстой пехуымпартӕ ӕмӕ рагагъоммӕ загътой, сымахӕн нысангонд цы хорзӕх уыди, уый тыххӕй. Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы тухӕнты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры намысы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы афонмӕ ӕмӕ ӕууӕлтӕм амыдта, уый базоныныл.
2. Петра
1 2 3
Выбор основного перевода