Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Петра
1 2 3
Параллельные места
Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ уый ӕфсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта – Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау фестади сӕнтурс. Фӕзындысты сӕм Моисей ӕмӕ Илиа, ӕмӕ ныхас кодтой Йемӕ. Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд ам саразон ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта рухскалгӕ ӕврагъ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд фыртӕссӕй ӕрхаудысты дӕлгоммӕ. Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта; Йӕ дарӕс сӕрттывта ӕмӕ Йын фестади сӕнтурс – зӕххыл иу адӕймагӕн дӕр хъуымац афтӕ сурс кӕнын йӕ бон нӕ бауыдзӕн. Фӕзындысты сӕм Илиа ӕмӕ Моисей, ӕмӕ ныхас кодтой Йесоимӕ. Уӕд Петр загъта Йесойӕн: «Равви, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Саразӕм ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн». Цы загътаид, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарстысты. Ӕмӕ фӕзынд ӕврагъ, ӕрӕмбӕрзта сӕ, ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай Мӕ уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм». Уыцы ныхӕстыл аст боны бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы, ӕмӕ хохмӕ ссыди бакувынмӕ. Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та сси сӕнтурс ӕмӕ калдта тӕмӕнтӕ. Ӕмӕ дын мӕнӕ дыууӕ лӕджы ныхас кӕнынц Йемӕ; уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Илиа. Фӕзындысты уӕларвон намысимӕ, ӕмӕ дзырдтой Йесойы ахицӕныл – Уый Хуыцауы фӕндон Иерусалимы куыд сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Петрыл ӕмӕ йе 'мбӕлццӕттыл та хуыссӕг фӕтых. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы намыс, ӕмӕ дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ. Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Саразӕм ӕртӕ халагъуды: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу Илиайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не 'мбӕрста. Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд ӕврагъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Ӕврагъы куы аныгъуылдысты, уӕд фӕтарстысты. Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм».
2. Петра
1 2 3
Выбор основного перевода