Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Петра
1 2 3
Параллельные места
Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: уыдонӕй фыццаг – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе 'фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Иаков ӕмӕ йе 'фсымӕр Иоанн, Павелӕй, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта ӕмӕ Йӕ фарны уац адӕммӕ фӕхӕссын кӕмӕн бафӕдзӕхста, Йесо Чырыстийы уыцы цагъар ӕмӕ апостолӕй. Ома, кӕрӕдзи сфидар кӕнӕм иумӕйаг уырнындзинадӕй, уӕ уырнындзинадӕй ӕмӕ мӕ уырнындзинадӕй. Фӕлӕ, Ӕгъдаумӕ нӕ кӕсгӕйӕ, ныр байгом, Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй тыххӕй дзурынц, Хуыцауимӕ бафидауыны уыцы фӕндаг. Ӕппӕт уырнджыты дӕр Хуыцау раст кӕны Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы, хъулон Ын сӕ никӕцы у. Уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр бафтыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы намысӕй ӕнӕхай сты, Фӕлӕ Хуыцау Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ сеппӕты дӕр лӕвар раст кӕны Йесо Чырыстийы фӕрцы – Чырысти сын дӕтты сӕрибар. Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй, Цӕмӕй абон равдиса Йӕ рӕстдзинад: Йӕхӕдӕг раст у ӕмӕ раст кӕны Йесойыл ӕууӕндджыты. Павелӕй, Хуыцауы цагъарӕй ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы намыс кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ. Иаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъарӕй, – ӕцӕгӕлон адӕмты ӕхсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут. Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, – Понты, Галатийы, Каппадокийы, Асийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм.
2. Петра
1 2 3
Выбор основного перевода