Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстиимӕ ӕмхайджынтӕ стӕм, райдианы нӕм цы уырнындзинад уыди, ууыл кӕронмӕ фидарӕй куы хӕцӕм, уӕд.
Бирӕ къӕвдатӕй ӕфсӕст ӕмӕ йӕм чи зилы, уыдонӕн цардыхосы зайӕгхал дӕттӕг зӕхх арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй;
Сындз ӕмӕ пыхсы бын чи фӕвӕййы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы ӕмӕ у ӕлгъыстӕввонг, ӕппынфӕстаг арты амӕддаг бауыдзӕн.
Ӕниу, кӕд дзургӕ афтӕ кӕнӕм, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕддӕр ӕууӕндӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут ӕмӕ ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, ууыл.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзӕн, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уымӕй Йӕ кадӕн цы фӕллой ӕмӕ уарзондзинад равдыстат, уый.