Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Петра
1 2 3
Параллельные места
Мыггагмӕйы цард та уый у, ӕмӕ Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де 'рвыст Йесо Чырыстийы куыд зоной. Кӕй уӕ сӕвзардзӕн, уый Фыд-Хуыцау зыдта рагацау, ӕмӕ Йӕ Уд ссыгъдӕг кодта сымах, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ уӕ цӕхсадӕуа Йӕ Тугӕй. Хуыцау уын ноджы фылдӕр бахай кӕнӕд Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ фарнӕй. Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нын радта Хуыцау, уымӕн ӕмӕ базыдтам Йӕ намыс ӕмӕ нӕ Йӕ хорзӕхмӕ Ӕрхонӕджы. Кӕд сымах уыцы миниуджытӕй хайджын стут ӕмӕ уӕм фылдӕр кӕнынц, уӕд уыдоны фӕрцы уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ базондзыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы. Фыд-Хуыцауы ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстийы хорзӕх, арфӕ ӕмӕ фарн уыдзысты немӕ – ӕцӕгадӕй ӕмӕ уарзтӕй хайджынтимӕ. Хуыцау уын ноджы фылдӕр бахай кӕнӕд Йӕ хорзӕхӕй, Йӕ фарн ӕмӕ уарзтӕй.
2. Петра
1 2 3
Выбор основного перевода