Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон, Мах ссӕндынц алырдыгӕй, фӕлӕ нӕ басӕттын нӕ фӕразынц; цы гӕнгӕ нын у, уый нал фӕзонӕм, фӕлӕ нӕ ныфс нӕ асӕтты; Кӕд мӕн мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд мӕ бон раппӕлын у, лӕмӕгъ кӕй дӕн, уымӕй. Мӕ бон ӕппӕт дӕр у мӕнӕн тых дӕттӕг Чырыстиимӕ. Кӕд уыл Чырыстийы номы тыххӕй цъыф калынц, уӕд тӕхудиаг стут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы намысджын Уд уӕ зӕрдӕты ис. [Уыдон Ӕй фауынц, сымах та Йӕ кадджын кӕнут.]
Выбор основного перевода