Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ кусӕг, ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн. Кӕд мӕн мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд мӕ бон раппӕлын у, лӕмӕгъ кӕй дӕн, уымӕй. Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат – хӕйрӕджы зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон. Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта. Уырдӕм ацӕуын мын Хуыцауӕй раргом; ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕн цы фарны уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй, хицӕнӕй та ма – дзырддзӕугӕтӕн дӕр, цӕмӕй ма рауайа афтӕ, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы фӕкуыстон кӕнӕ дзӕгъӕлы кусын.
Выбор основного перевода