Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон,
Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй – тынг фӕразонӕй нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, тыхст уавӕрты,
Хъуаг ӕййафын, зӕгъгӕ, уый тыххӕй уын нӕ зӕгъын – ӕз сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайыныл.
Мӕ бон ӕппӕт дӕр у мӕнӕн тых дӕттӕг Чырыстиимӕ.
Сымах цы ӕфхӕрд ӕмӕ зынтӕ ӕвзарут, уыдонӕн фӕразон кӕй стут ӕмӕ уӕм фидар уырнындзинад кӕй ис, уыдӕттӕ махӕн сты Хуыцауы ӕппӕт аргъуанты нӕхицӕй ӕппӕлыны бындур.