Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа, ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕддӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕ- нын уеппӕтимӕ дӕр. Ныртӕккӕ амондджын дӕн, уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, уыцы хъизӕмӕрттӕй. Мӕ буары хъизӕмӕрттӕй ӕз архайын Чырыстийы тухӕнтӕ баххӕст кӕныныл Йӕ Буары, Аргъуаны, сӕраппонд. Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы фарны уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын. Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы намысӕй.
Выбор основного перевода