Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ ӕз Хлойӕйы хӕдзаронтӕй фехъуыстон, ме 'фсымӕртӕ, хъаугъатӕ уӕм кӕй ис, уый тыххӕй. Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл – иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕйыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат. Кӕд мӕм ис пехуымпар ныхас, зонын ӕппӕт сусӕгдзинӕдтӕ, ис мӕм алы зонынад, стӕй хӕхты ӕндӕр ран ӕрӕвӕрын кӕй бон у, ахӕм уырнындзинад, уарзт та мӕм нӕй, – уӕд ӕз ницы дӕн. Алцӕмӕй дӕр ӕххӕсты дуг куы ралӕууа, уӕд ӕххӕст цы нӕу, уый нал уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хуыздӕрыл банымадтон сымахмӕ не 'рцӕуын, ногӕй та уын зӕрдӕхъыджы хос куыд нӕ разынон, афтӕ. Хъыджы уӕ куы бафтауон, уӕддӕр мын мӕ зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, хъыджы кӕй бафтыдтон, уыдоны йеддӕмӕ? Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уеппӕты цин у. Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый. Уӕ курын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд мӕ куыд нӕ бахъӕуа мӕхи хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхастӕй равдисын. Фидарӕй ӕууӕндын: мӕхи ахӕмӕй равдисын мӕ бон у, мӕнӕй ӕнхъӕл чи у, ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕры, зӕгъгӕ, уыдоны ныхмӕ. Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хъуыддӕгтӕ зындгонд сты: хӕтын, чъизи ӕмӕ ӕлгъаг митӕ,
Выбор основного перевода