Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Бирӕ сын амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй: «Мӕнӕ тауӕг рацыди тауынмӕ. Таугӕ-тауын иуӕй-иу нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой. Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты, сыджыт бирӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм дурджын ран, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх арф нӕ уыд. Ӕмӕ хур куы скаст, уӕд сӕ басыгъта ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сын уидаг нӕ уыд. Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, сындзытӕ сзадысты ӕмӕ сӕ ныххурх кодтой. Иуӕй-иутӕ та дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл ӕмӕ радтой: иу – фондзыссӕдз хатты, иннӕ – ӕртиссӕдз хатты, аннӕ – дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!» Сымах амад ӕрцыдыстут апостолты ӕмӕ пехуымпарты бындурыл, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг у,
Выбор основного перевода