Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Хицау ӕрцӕуа, уӕдмӕ – Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг. Сымахӕн та, ӕфхӕрдтытӕн, – удӕнцойӕ немӕ, Хицау Йесо уӕларвӕй Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Ӕмӕ пиллон арты Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы фарны уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй. Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Хицауӕй ӕмӕ Йе стыр намысӕй, Куы ӕрцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон сеппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл. Сызгъӕрин бафӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр фесӕфы; сызгъӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд.
Выбор основного перевода